филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:17 воскресенье, 19 мая 2024
07 августа 2019, 12:00
Куыстуæтты æххуыс ахуыргæннæдæттæн

Ацы фарстайыл ныхас цыд, хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæйы разамындæй æмбырды.

Куыстуæтты æххуыс ахуыргæннæдæттæн. Ацы фарстайыл ныхас цыд, хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæйы разамындæй æмбырды.

Архайдтой дзы районты администрациты сæргълæуджытæ, ахуыргæнæдтты разамонджытæ æмæ амалхъом адæмы æхсæнады минæвæрттæ.

Æмбырд гом кæнгæйæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй фæстаг азты арæх фехъусæн уыд, скъолаты æмæ рæвдауæндæтты хæрдзтæн ныййарджытæй æхца кæй æмбырд кæнынц. Уый та раст нæу, æмæ ацы фæткимæ тох кæны нæ республикæйы сæргълæууæг дæр.

Æрæджы йын амалхъом адæмимæ цы фембæлд уыд, уым Битарты Вячеслав фæсидт, цæмæй раздæхой Советон цæдисы фæлтæрдзинадмæ, ома æххуыс кæной скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæн. Ацы фарста æмбырды архайджыты размæ рахаста хицауады сæрдары хæдивæг.

Æмалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур куыд загъта, афтæмæй бизнесментæй бирæтæ цæттæ сты се вæрæн бахæссынмæ. Фæлæ хъæуы сбæрæг кæнын фæрæзтæ æргомæй куыд хардзгонд цæудзысты, уый. Зæгъæм ахуыргæннæдоны цур саразын хæрзаудæн Фонд. Æмбырды ма рахастой уынаффæ, цæмæй æнæзакъонæй æхца кæм æмбырд кæндзысты, уыцы ахуыргæнæндоны разамонæг цæуа æфхæрд. Фембæлды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ æнæбюджетон фæрæзтæ хъуамæ ахуыргæннæдæттæ исой сæрмагонд хыгъды уылты. Æмæ сæ хæрдзтæ уой æргом.

Æмбырды хатдзæгмæ гæсгæ, хъæуы бацæттæ кæнын документтæ, цæмæй сфидар кæной сæрмагонд фондтæ, стæй дарддæр дæр амалхъом адæмæн æмбарын кæнын хъæуы, скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæн æххуысы нысаниуæг цæй мидæг ис, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania