филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:55 воскресенье, 01 февраля 2026
08 июня 2022, 11:35
Куыстуат «Газпром газораспределение Владикавказ» дарддæр æххæст кæны бадзырдтæ бафыссыны куыст

Афтæмæй, ныридæгæн газуадзæн хæтæлтæ цы хъæутæм бауагътой, уыдоны цæрджытæн æрдзон газ лæвар уадзынц сæрмагонд арæнты онг.

Куыстуат «Газпром газораспределение Владикавказ» дарддæр æххæст кæны бадзырдтæ бафыссыны куыст. Афтæмæй, ныридæгæн газуадзæн хæтæлтæ цы хъæутæм бауагътой, уыдоны цæрджытæн æрдзон газ лæвар уадзынц сæрмагонд арæнты онг. Раздæр Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтæн æмæ муниципалитеттæн бабар кодта республикæйы цæрджытæн активон æмбарынгæнæн куыст кæнын. Абоны онг газуадзыны куыст цæуы Алагиры районы. Уым хъæуты æрдзон хорзæх бауагътой 51 хæдзармæ. Уымæй дарддæр 48-мæ та бауагътой газуадзæн хæтæлтæ. Ацы азы кæронмæ нысан кæнынц ноджыдæр 105 курдиаты баххæст кæнын, æмæ уæд район газæй ифтонг уыдзæн æххæстæй. Кæд æмæ Хохы Дзуарыхъæуы ис æрмæстдæр 10 хæдзары, уæддæр хъуамæ алчидæр газæй пайда кæной æнæ къуылымпытæй. 1-æм июны онг курдиæттæ балæвæрдтой 1023 курдиаты. Уыдонæй 578 бадзырды сæххæст кодтой. Æдæппæтæй та республикæйы нысан кæнынц газæй 1144 хæдзары сифтонг кæнын 102 хъæуы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста закъон, газуадзæн хæтæлтæ зæххы хæйтты онг бауазыны тыххæй. Афтæмæй рахæцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисы фарс. Уыцы куыст Уæрæсейы фæнд кæнынц 2023-æм азы онг фæуын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania