филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:18 суббота, 28 сентября 2024
29 декабря 2021, 13:32
Куыстуат «Спецэкосервис»-ы хатдзæгтæ скодтой сæ афæдзы куыстæн, æмæ схорзæхджын кодтой хуыздæр специалистты

2021-æм азмæ сæм æрцыд бирæ ивддзинæдтæ

Куыстуат «Спецэкосервис»-ы хатдзæгтæ скодтой сæ афæдзы куыстæн, æмæ схорзæхджын кодтой хуыздæр специалистты.  2021-æм азмæ сæм æрцыд бирæ ивддзинæдтæ. Зæгъдзыстæм уый дæр, æмæ Цæгат Кавказы у фыццаг компани, реагенттимæ чи кусы, ахæм. Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй уыдон хуыздæр тох кæнынц бырынцъаг уынгтимæ. Уый иу, фæлæ ма æрдзæн æмæ транспортæн дæр зиан нæ хæссынц. Ацы аз ма зынгæ фæхуыздæр сты куыстуаты фæллойгæнджыты социалон уавæртæ дæр. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Фæстаг техникон æркаст, æмæ машинæ цæттæ у æфснайынмæ. Йе фсæн бæхыл шофыр Габеты Таймураз йæхи æнкъары иттæг хорз. Æппæтæй æрыгондæр, фæлæ уыимæ «Спецэкосервисы» фæлтæрдджындæр шофыр ам кусы 5 азы.

Горæты уынгтыл æрзилыны фæстæ куыстуаты фадат ис баулæфынæн дæр. Ацы фæлладуадзæн зонæ шофыртæн арæзт æрцыд 2 азы размæ. Тæвд къофи кæнæ цай, 3 сахаты ис афынæй кæнынæн дæр. Стæй уæд ногæй Дзæуджыхъæуы уынгтæ сыгъдæг

Чи зоны, æмæ бынтон хæдзары хуызæн уавæртæ не сты, фæлæ куыд фæзæгъынц, æппын нæйы бæсты. Зымæджы арæх мит куы фæуары, уæд куысты фæтк вæййы алыхуызон. Уымæ гæсгæ ам ис 24 хуыссæн бынаты. Алкæмæн дæр йæхи сынтæг. 

Спецэкосервисы кусынмæ Габеты Таймураз æрбацыд йæ фыды æмæ йæ фыдыфсымæры фæстæ. Йæхицæй та йын дæнцæг райста йæ кæстæр æфсымæр Хетæг дæр. Уый куыстуаты фæллой кæны афæдзы бæрц. Йæ хæстæм хауы – сæрмагонд техникæ цалцæг кæнын. Афтæмæй, кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ, зæгъæн ис, æмæ Спецэкосервисы фæзынд Габеты династи.  Хуымæтæджы афæдзы кæрон дыууæ фсымæрæн се нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй лæвæрд æрцыдысты арфæйы фыстæджытæ.

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæгæй ма ахæм хæрзиуджытæ райстой ноджыдæр 10 адæймаджы. Дыууæ специалистæн та радтой санаторитæм балцæгтæ. Милдзыхты  Вячеслав раарфæ кодта Спецэкосервисы фæллойгæнджытæн бæрæгбоны фæдыл, æмæ сын бузныг загъта сæ зæрдиаг куысты тыххæй.

Дыууæ мины дыккæгæм азы январы куыстуатмæ хъуамæ фæзына ног техникæйы 9 машинæйы. Нысан ма кæнынц цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын, стæй хæрæндон саразын. Фидæны та фæнд кæнынц ведомствойы цæрæнуæттæ саразын. Ууыл ивддзинæдтæ нæ фæуыдзысты. Уыимæ фылдæр кæндзысты куыстуаты хæстæ дæр. Спецэкосервисы специалисттæ куыстæй нæ тæрсынц, æмæ йæм сты цæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania