филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 воскресенье, 01 февраля 2026
05 декабря 2023, 11:32
Куысты рæстæг йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн баййæфта, ахæм 4 адæймагæн балæвар кодтой машинæтæ

Уыцы хъæппæрис разынд Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайадмæ

Куысты рæстæг йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн баййæфта, ахæм 4 адæймагæн балæвар кодтой машинæтæ. Уыцы хъæппæрис разынд Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайадмæ. Транспортон фæрæзтæ дæттынц, адæймагмæ дохтырæй гæххæт куы уа, уæд. Машинæтæ арæзт сты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, сæрмагондæй уыцы адæмæн. Сног сæ кæнынц алы 7 азы дæр. Фонды хайад ма уымæй уæлдай фиды машинæйы артагæн æмæ цалцæгæн дæр. Ног транспортон фæрæзты хицæуттæ систы Дзусты Аслæнбег, Ногъаты Эдуард, Вахид Оздоев æмæ Хуыриаты Мурман. Ныридæгæн ма хыгъды лæууынц 37 адæймаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania