филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:47 воскресенье, 01 февраля 2026
12 августа 2020, 17:27
Кванториумы райдыта ног ахуыры азмæ зæрдæргъæвд сывæллæтты æрæмбырд кæныны куыст

Нырыккон уæлæмхасæн ахуырад райсдзысты 5-æмæй 11-æм къласы онг скъоладзаутæ

Кванториумы райдыта ног ахуыры азмæ зæрдæргъæвд сывæллæтты æрæмбырд кæныны куыст. Нырыккон уæлæмхасæн ахуырад райсдзысты 5-æмæй 11-æм къласы онг скъоладзаутæ. Уроктæ цæудзысты къуыри иу, кæнæ дыууæ хатты, сæ рæстæгмæ гæсгæ та сахат æмæ рдæг. Ахуырадон программæ цæудзæн сентябрæй январы кæронмæ.

Куырдиæттæ бадæттæн ис сæрмагонд сайтмæ –  kvantorium15.ru. Сывæлллоны райстой, уый тыххæй августы электрон почтæ кæнæ whatsapp-мæ æрбацæудзæн хъусынгæнинаг. Ацы нырыккон скъолайы ис ахæм уæлæмхасæн урочытæ куыд – шахмæттæ æмæ техникон англисаг æвзаг. Ног ахуыры азы агъоммæ кванториуммæ ахуыргæнджытæ сæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнынмæ ацыдысты Ижевск æмæ Севастопольмæ. Ахуырадон сесситæ арæзт цæуынц нæ бæстæйы регионты егъаудæр технопаркты бындурыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania