Афтæмæй сфæнд кодтой мадзал саразджытæ космонавтикæйы Бон сбæрæг кæнын
Квест-хъазт «Мæймæ балц» арæзт æрцыд Мæздæджы кванториумы. Афтæмæй сфæнд кодтой мадзал саразджытæ космонавтикæйы Бон сбæрæг кæнын. 10 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, уыдонæн фадат уыд цымыдисаг уæларвон квест ацæуынæн. Уый æххæст кæнгæйæ, фæсивæд абалц кодтой 5 бынатмæ, сæххæст кодтой космонавты хæслæвæрд,. Уымæй дарддæр уæларвон модулæн æмæ космикон транспортæн конструкци скæнын, ракетæйы схæмæ сæмбырд кæнын æмæ уæларвон балцы траектори сбæлвырд кæнын. Командæты архайджытæ ма æххæст кодтой логикон æмæ сфæлдыстадон хæслæвæрдтæ, дзуæппытæ лæвæрдтой космосы темæимæ баст фæрстытæн, æмæ ма суагътой хиконд ракетæтæ. Квесты архайджытæ ирд æнкъарæнтæй дарддæр мадзал саразджытæй райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ.