01 декабря 2014, 17:44
Лæгмардимæ фæндаггон фыдбылыз та æрцыд аэропорт «Дзæуджыхъæу»-мæ трассæйыл
Рог машинæ «Ауди»-йы 28-азыдзыд шофыр фæндагыл цæугæйæ нæ сарæхст йæ машинæмæ æмæ йæхи сцавта фæнгаггон нысанимæ быцæуыл. Машинæ атахт фæндагæй æмæ ссыгъдис. Шофыр фæмард бынаты.
Лæгмардимæ фæндаггон фыдбылыз та æрцыд аэропорт «Дзæуджыхъæу»-мæ трассæйыл. Рог машинæ «Ауди»-йы 28-азыдзыд шофыр фæндагыл цæугæйæ нæ сарæхст йæ машинæмæ æмæ йæхи сцавта фæнгаггон нысанимæ быцæуыл. Машинæ атахт фæндагæй æмæ ссыгъдис. Шофыр фæмард бынаты.
Паддзахадон автоинспекцийы управленийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй шофыр уыд нозтджын. Уымæй уæлдай ма машинæйы бадтысты 4 адæймаджы, семæ йæ мад дæр, уый дæр уыд нозтджын.
Ныртæккæ бæлццæттæ сты рынчындоны.

темæмæ гæсгæ