филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:26 вторник, 16 декабря 2025
20 ноября 2024, 10:34
Лæгтыдзуармæ кувæн къуыри цæуы дарддæр

Афтæмæй Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц кадджындæр æмæ уарзондæр бæрæгбон – Джеоргуыба

Лæгтыдзуармæ кувæн къуыри цæуы дарддæр. Афтæмæй Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц кадджындæр æмæ уарзондæр бæрæгбон – Джеоргуыба. Сæдæгай азты дæргъы ноябры кæрон ирон адæм æртыгай кæрдзынтимæ скувынц нæлгоймæгты, бæлццæтты æмæ фæсивæды аудæджы номыл, цæмæй сæ бахъахъхъæна низтæй, фыдбылызтæй, æмæ сын æххуыс кæна алы хъуыддаджы дæр. Бæрæгбон райдайы къуырисæры, уый размæ хуыцаубоны та вæййы галæргæвдæн. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.

Бæрæгбоны къуыри райдайы галæргæвдæнæй. Сылгоймæгтæ фыцынц чъиритæ, нæлгоймæгтæ та кусарты куыст кæнынц. Мамсыраты бинонтæ бæрæгбонмæ бындуронæй фæцæттæ кæнынц. Галы сæрмагондæй ацы бонмæ хастой. Хъæуы æппæт æгъдæуттæ сæххæст кæнын, зæгъы Мамсыраты Хасанбег. Йæ зæрдыл дары, йæ сабибонтæй йæ йæ фыд кувын куыд ахуыр кодта, уый. Ныртæккæ уыцы зонындзинæдтæ хæццæ кæны фæсивæдмæ.

Традицимæ гæсгæ Джызæлы цæрджытæ цæуынц сыгъдæг бынатмæ. Хистæртæ скувынц, Лæгты дзуарæй курынц амонд, æнæниздзинад æмæ, æнæмæнг, сабырдзинад. Отараты Ацæмæз ардæм фыццаг аз нæ цæуы, йæ фыд Альбертимæ æрбахæссы кувинаг 3 кæрдзыны. Ацы бынатæн сын ис сæрмагонд нысаниуæг. Ам сæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы куывдтой Хуыцаумæ.

Фыццаг бæрæгбон алчидæр сбæрæг кæны йæ хæдзары, уый фæстæ сыхæгтæ иумæ æрæмбырд вæййынц. «Иры Стыр Ныхас»-ы куыд загътой, афтæмæй ахсджиаг у фæсивæды бæттын бæрæгбоны æгъдæуттыл.

Ацы аз сæрмагонд куывд сабырдзинады æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыцы хæстонты тыххæй. Бæрæгбон ахæсдзæн иннæ къуырисæрмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania