17 июля 2019, 17:15
Лагкуты Спартачы киноныв «Ведьма гор» Майкопы 3-аг æппæтадæмон кинофестивалы райста сæрмагонд приз
Киноныв сисыныл бацархайдта къорд «Зона-Икс ТВ».
Лагкуты Спартачы киноныв «Ведьма гор» Майкопы 3-аг æппæтадæмон кинофестивалы райста сæрмагонд приз.
Киноныв сисыныл бацархайдта къорд «Зона-Икс ТВ». Йæ саразджыты ныхæстæм гæсгæ Ирыстоны кинематографы уый у фæлварæны хуызæн. Сæвæрдтой йæ фыссæг Максат Оразовы уацмысмæ гæсгæ. Киноныв фæцæудзæн алы кары адæмы зæрдæмæ дæр. Йæ мидис у абоны цардмæ хæстæг. Дарддæр «Зона-Икс ТВ»-йы куыстытæ фенæн уыдзæн Феодосийы æппæтадæмон фестивалы.
темæмæ гæсгæ




