21 марта 2018, 14:10
«Легко быть рядом»
Дауны синдромимæ адæмы æппæтдунеон бонмæ Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты арæзт æрцыд хуызистыты равдыст.
«Легко быть рядом». Дауны синдромимæ адæмы æппæтдунеон бонмæ Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты арæзт æрцыд хуызистыты равдыст. Бæрæг æй кæнынц абон.
18 хуызисты. Уыдоныл сывæллæттæ бæрнон æмæ æхсæнадон кусджытимæ. Куыстыты автор – Тæхохты Георгий. Равдыст бацæттæ кодта организаци «Время перемен». Йæ директор Хъотайты Альбинæ раарфæ кодта, ацы хъуыддаджы сын чи баххуыс, кодта, уыдонæн. Радзырдта, сæ организаци афæдзы размæ арæзт кæй æрцыд. Йæ хыгъды ныр ис 70 бинонтæ. Йæ нысан у, Дауны синдромимæ адæмæн æххуыс кæнын, сæ фарстатæм æхсæнады æргом раздахын. Акци æххæстгæнгæйæ, арæзт æрцыд концерт дæр. Архайдтой дзы чысыл зарæггæнджытæ, аниматортæ æмæ волонтертæ.

темæмæ гæсгæ