20 сентября 2019, 17:10
Ленинон тæрхондоны абон дарддæр цыдысты Цыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл бæйхъуыстытæ
Дзуапп лæвæрдта медицинон эксперт Цæлойты Дзерассæ.
Ленинон тæрхондоны абон дарддæр цыдысты Цыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл бæйхъуыстытæ.
Дзуапп лæвæрдта медицинон эксперт Цæлойты Дзерассæ. Уый иртæста Цыккаты Владимир цæй аххосæй амард уый. Куыд загъта афтæмæй йæ буар уыд цæфтæ, стæй тугæй дзаг. Йæ ныхæстæм гæсгæ фæзындысты къуымых æмæ хъæбæр гарзæй. Фæлæ бæлвырд цæмæй уый бæрæггонд не рцыд, загъта Цæлойты Дзерассæ.




