Азымджын сæ кæнынц, сæ бартæй цас æмбæлы, уымæй фылдæр кæй пайда кодтой, бюджетон фæрæзтæ æнæхъуаджы кæй хардз кодтой, уымæй, стæй цæстфæлдахæн митæй
Ленины тæрхондоны райдыдта Цæгат Ирыстоны медицинон академийы раздæры ректор Гæтæгонты Тамарæ æмæ йæ хæдивæг Гецъаты Жаннæйы хъуыддаджы фæдыл процесс. Азымджын сæ кæнынц, сæ бартæй цас æмбæлы, уымæй фылдæр кæй пайда кодтой, бюджетон фæрæзтæ æнæхъуаджы кæй хардз кодтой, уымæй, стæй цæстфæлдахæн митæй. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, рагагъоммæйы байхъуыстыты видеобастдзинадæй æрфарстой æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады минæвар Александр Адре-йы. Уый тæрхондонæй ракуырдта, цæмæй сын фæстæмæ баххæст кæной 75 милуан сомы материалон хæрдзтæ. Ацы байхъуыстыты бахаста курдиат, процессæй йæ суæгъд кæныны тыххæй. Фæлæ йæ домæнтæ, æмæ раздæр цы дзырдта, уыдоныл лæуд у раздæрау. Ноджыдæр ма æрфарстой 5 адæймаджы. Уыдон дæр алы азты сæ куыстмæ гæсгæ баст уыдысты азымджынтимæ. 2015-æм азы слестгæнæн мадзæлтты цыдысты фарст. Фæлæ ныр протоколмæ хаст чи æрцыди, уыдонæй бирæ хъуыддæгтæ нал æрхъуыды кодтой. Ныхас цæуы Владикавказскийы уынджы медицинон академийы бæстыхай ауæй кæныныл дæр. Хъуыддаг æвзарынц 66 мæйы. Ахымджынтæ сæхи аххосджыныл нæ нымайынц, æмæ æппæт тыхтæй архайынц, цæмæй сæ тæрхондон банымайа растыл.




