филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:12 воскресенье, 17 августа 2025
19 мая 2014, 11:28
Леоновы уынджы 5-æм хæдзары цæрджытæ тыхсынц сæ уавæртæй

Кæд бирæуæладзыгон хæдзæрттæ цалцæг кæныны федералон программæ цалдæр азы æххæстгонд цæуы, уæддæр ма дзæвгар ис, сæ уæвæр бæллиццаг кæмæн нæу, ахæм хæдзæрттæ.

Леоновы уынджы 5-æм хæдзары цæрджытæ тыхсынц сæ уавæртæй
Кæд бирæуæладзыгон хæдзæрттæ цалцæг кæныны федералон программæ цалдæр азы æххæстгонд цæуы, уæддæр ма дзæвгар ис, сæ уæвæр бæллиццаг кæмæн нæу, ахæм хæдзæрттæ. Бирæтæ дзы кæд ныккæлдзысты, уый бæрæг нæу. Уыцы хъуыдыимæ сразы сты Мæскуыйаг эксперттæ дæр. Фæлæ цæрджыты уавæр хуыздæр нæ кæны.

Фыссынц, хъаст кæнынц, бæрнон куысджытæн æмбарынц кæнынц сæ уавæр, фæлæ хъуыддаг хуыздæрырдæм нæ ивы. Леновæйы 5-æм хæдзары цæрджытæ сæ хъаст æрбахастой махмæ.

Мæнæ-мæнæ ныккæлдзысты тæрхæджытæ дæр. Уæвгæ пъадвалы цы дзаумæттæ уыд, уыдон схъуына сты. Цы ма дзы баззад, уыдон та нал бæззынц.

Ацы хæдзар у денджызон науы хуызæн. Иууылдæр ис доны. Уыимæ фыццаг бон æмæ фыццаг хатт не сты ахæм уавæрты. Фыруымæлæй фатерты дæр фæзынд цъæх хъуына, дуæрттæ, рудзгуытæ ныннæрстысты, наззыхъхъыр сты æмæ нал æхгæнынц.

Доны аххосæй бирæуæладзыгон хæдзæры къултæ дæр афаз сты. «Фæлæ æппæтæй тæссагдæр уый у æмæ хæдзар 60 см кæй ныббадтис» – зæгъынц Леоновы уынджы 5 хæдзары 3 копрусы цæрджытæ. Сæ хъаст хастой бирæ ведомстæтæм. Сæрмагонд службæтæн дæр сæ уавæр æнæзонгæ нæу.

Цæрджытæ ма суанг Мæскуыйаг хæдбар экспертты дæр æрбахуыдтой.

Кæд Мæскуыйаг эксперттæ хæдзар кæлæддзагыл банымадтой, уæддæр æй Дзæуджыхъæуы администрацийы ахæмыл нæ нымайынц. Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады управленийы хицауы хæдивæг Челдыты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй мæскуыйаг экспертты хатдзæгтæ ис дыууæ хуызы бамбарæн. Сæ иумæ гæсгæ – адæмы хъæуы æндæр хæдзæртты æрцæрын кæнын. Иннæ хатдзæгмæ гæсгæ та хæдзар ис нырыккон арæзтадон технологитæм гæсгæ бындуроной сцалцæг кæнын.

Ныртæккæ адсминистраци æппæт гæххæттыты балæвæрдта проектон институтмæ æмæ ведомствæты къамисмæ. Ногæй сæм æркæсдзысты æмæ хъуамæ скæной ног уæрæхгонд хатдзæгтæ. Хæдзары уавæры кусы проектон организаци «Севоспроект» дæр.

Иууылдæр иумæ цы уынаффæ рахæссой, уыимæ базонгæ кæндзысты цæрджытæ. Кæд семæ разы нæ уой, уæд закъонмæ гæсгæ сæ бон у хъуыддаг тæрхондонмæ бадæттын.

Жыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania