Лескен сбæрæг кодта йæ 160 азы бон. Хъæуы истори у хъæздыг. 700 лескенаджы архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Ам уыд республикæйы стырдæр совхоз. Хъæуы хæуыздæр традицитæ ныр дæр рох не сты. Æххæст сæ кæнынц нырыккон фæлтæр.
Йæ хиуæтты æнæниздзинады, йæ бинонты фæрнджын царды тыххæй, йæ уарзон хъæу Лескены рæсугъд фидæныл кувы хъæуы хистæр Цъеуты Кямал. Йæ бинонтæ ам æрцардысты 1927 азы. Уæлдай зын ын у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азтæ мысын.
Хæст йæ фæд ныууагъта алы бинонты цардыл дæр. Кямалы бинойнаг Амилаханты Изольдæйæн хæсты фесæфтысты йæ фыд æмæ уый æфсымæр. Лескенæй хæстмæ ацыдысты 735 адæймаджы. Уыдонæй йæ райгуырæн уæзæгмæ нал сыздæхт алы дыккаг дæр.
Хæсты размæ ацы бынаты уыд Амилаханты хæдзар. Бинонты хистæр Соломонæн хæсты фесæфтысты йæ дыууæ фырты. Ацы зæххы хай цæстуарзон хистæр радта хъæуæн сывæллæтты рæвдауæндон скæнынæн æмæ цыртдзæвæн сæвæрынæн. Ивгъуыд æнусы 70-йæм азты ам æвæрд æрцыд монумент, хæсты быдырæй цы 324 хъæбатыры нал сыздæхт, уыдоны номыл.
Цæрджытæ сæ сæртæ бæрзонд хæссынц сæ уарзон хъæуы æнтыстдзинæдтæй. Йæ истори райдыдта 1864 азы. Алæмæты рæсугъд æрдзы хъæбыс. Цæгат Ирыстоны арæнты кæрон. 160 азы лескенæгтæн ис хъæрмуд ахастытæ сыхаг республикæйы цæрджытимæ.
Советон Цæдисы Лескены совхоз нæ республикæйы нымад уыд раззагдæрыл. Кодтой дзы фосдарыны куыст. Уыдис дзы соктæ уадзæн куыстуат дæр. Лескенæй хойрæгтæ æрвыстой бæстæйы алы рæттæм.
Бынæттон цæрджытæ хъахъхъæнынц сæ фыдæлты традицитæ. Уый нæ, фæлæ ма кусынц сæ рæзтыл дæр. Ног чиныгдоны – хъæуы зонады артдзæсты фæфылдæр чингуыты нымæц, ифтонг æрцыд нырыккон техникон фæрæзтæй.
Лескены ныр дæр ма хæдзары дзаумæттæ æмæ алыхуызон мигæнæнтæ кæнынц насы сæрмагонд хуызæй, лагенари кæй хонынц, ахæмæй. Ацы дæсныйад фæзынд адæмы зындæр рæстæджытæй иуы – хæсты фæстæ азты. Нырыккон фæлтæртæм æй хæццæ кæны æрмдæсны – Цъеуты Валентинæ.
Рæстæджы цыдимæ, дымгæйæ тагъддæр, дугъы уайынц барджæтæ. Лескены фæсивæдæн ныр цалдæр азы фæзынд ног, бæлвырддæр зæгъгæйæ,та рохгонд чи æрцыд, ахæм зæронд ирхæвсæн мадзал – бæхтыл дугъ кæнын.
Алы рæстæджы хъæуы рæзтмæ се *вæрæн хастой йæ цæрджытæ. Уыдоны руаджы ам фæзынд спортæй архайынæн фадæттæ. Столыл хъазæн теннис, хæбысæйхæсджыты секци, футбол æмæ гимнастикæ – алы адæймагæн дæр ам йæ бон у йæхицæн зæрдæмæдзæугæ спорты хуыз равзарын.
Ирыстоны дарддæр хъæутæй иуы цæрынæн алцыдæр ис. Ардæм спортивон секцитæм цæуынц сывæллæттæ хæстæг хъæутæй æмæ ма суанг сыхаг республикæйæ дæр.
Бирæ ногдзинæдтæ хæссы йемæ цард. Фæлæ нæй ивæн адæмы традицитæн. Уыдон хъахъхъæд цæуынц фæлтæрæй фæлтæрмæ. Лескенæгтæ сæ зæрдыл дарынц сæ хъайтар фыдæлты сгуыхтдзинæдтæ. Хъæу рæзы. Азæй азмæ фылдæр кæны, хъæумæ сæ фæллад уадзынмæ цы туристтæ æрцæуынц, уыдоны нымæц.
Хъæуы юбилей у стыр бæрæгбон цæрджытæн æмæ, йæ райгуырæн зæххæй Уæрæсейы æндæр рæтты чи æрцард, уыцы адæмæн. Лескенæн йæ 160 азы бон у йæ намысджын фæндаджы райдиан.




