филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:25 суббота, 27 апреля 2024
24 мая 2023, 11:40
Лескены байгом кодтой Уæрæсейы сгуыхт дохтыр Хъызынты Сосланбеджы номарæн фæйнæг

Адæймаг йæ фидæны фæрнджын номæн кæй цæры, уымæн та радон æвдисæн уыд Лескены цы номæрæн фæйнæг байгом кодтой, уый. Ныр, хъæуы æмбулаторийы къулыл фенæн ис Уæрæсейы сгуыхт дохтыр Хъызынты Сосланбеджы къам. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд.

Хъызынты Сослæнбеджы хъæбулы хъæбул ацы мадзалмæ йæхи тынг зæрдиагæй бацæттæ кодта. Йæ фыды фыды царды хабæрттæм канд, уымæ нæ гуырын кæнынц уды райдзаст æнкъарæнтæ, фæлæ æппæт Лескены  цæрджытæн дæр зынаргъ сты Сослæнбеджы тыххæй мысинæгтæ.

Уæрæсейы сгуыхт дохтыр, стæй ма йæ схонæн ис адæмыл аудæг Хъызынты Сослæнбегæн Мемориалон фæйнæг байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд Æрæфы районы сæргълæууæг Гъуцъунаты Хъазыбегæн æмæ Æрæфы районы центрон  рынчындоны сæйраг дохтыр  Асеты Мæринæйæн.

Хуыцауæй лæвæрд дæсныйады хицау Хъызынты Сослæнбег никуы зивæг кодта ахуырмæ. Хæзныдоны скъола каст фæуыны фæстæ, дарддæр сси медицинон институты студент. Кæд уыцы рæстæг ахуыр кæнын æнцон нæ уыд, уæддæр хъæуккаг лæппу алцæмæн дæр разынд фæразон. Уым цы зонындзиндтæ райста, уыдоны фæрцы Æрæфы районы цæрджытæн сси сæ уарзон, зонынджын дохтыр.

Уæвгæ, Хъызыны фырты тыххæй фæзминаг мысинæгтæй хъæздыг уыд мадзал. Сослæнбег ма куы куыста Лескены медицинон куыстуаты, уæды рæстæджы Æрæфы районы  рынчындоны сæйраг дохтыр Дзоблаты Станиславы хъуыдымæ гæсгæ, уый æххæст кодта цалдæр специалистты хæстæ. Рынчындоны кæд сæрмагонд гæнæнтæ нæ уыд, уæддæр Сослæнбеджы æвæрд диагнозыл та йын дыууæ зæгъæн нал уыд.

Хъызынты Сослæнбег , кæд царды фылдæр хай лæвæрдта йæ куыстæн, адæмы æнæниздзинадæн, уæддæр ын бантыст фæрнджын бинонтæ саразын. Йæ бинойнаг Елеты Тамарæимæ схъомыл кодтой æмæ царды раст фæндагыл сæвæрдтой 9 хъæбулы. Абон сæ, сæ алкæцы дæр хæссы йæ хистæры фарн, ном æмæ кад.

Хъызынты Сослæнбеджы æнæбафæзмгæ хъуыддæгты кой кæнæн ис бирæ рæстæг, зæгъынц Лескены цæрджытæ, стæй йæ чидæриддæр зыдта, уыдон. Хуымытæджы нæ фæзæгъынц – дæ абоны цард у, дæ фидæны рухс номыл дзурæг.  Ацы мадзалы фæстæ та Хъызынты Сослæнбеджы  ном, сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцæудзæн Лескены азфысты историйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania