18 октября 2022, 10:47
Лескены базылдысты, Æрæфы районæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмарди, уыцы æфсæддонты номыл Аллейæмæ
Бынæттон цæрджытæ бафснæйдтой æфсымæрон ингæн æмæ йæ алыварс территори
Лескены базылдысты, Æрæфы районæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмарди, уыцы æфсæддонты номыл Аллейæмæ. Бынæттон цæрджытæ бафснæйдтой æфсымæрон ингæн æмæ йæ алыварс территори. Цалдæр мæйы размæ йын йæ алыварс ныссагътой талатæ. Фидæны парчы бынат рагагъоммæ бацæттæ кодтой, бахуым æй кодтой, скодтой йæ культиваци. Талатæ иууылдæр фæхæцыдысты. Мадзалмæ се вæрæн бахастой хъæуы цæрджытæ стырæй – гыццылæй.
темæмæ гæсгæ




