филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:13 воскресенье, 29 сентября 2024
20 января 2020, 12:31
Лескены сарæзтой мадзал «Фæлтæрты бастдзинад»

Дзырдтой дзы, хъæуæй чи рацыдис, уыцы зындгонд адæмы тыххæй

Лескены сарæзтой мадзал «Фæлтæрты бастдзинад». Дзырдтой дзы, хъæуæй чи рацыдис, уыцы зындгонд адæмы тыххæй. Фембæлд сарæзтой Æрæфы районы Стыр ныхасы разамонæг Хасцъæты Тазреты хъæппæрисæй. Уазджытæ скъоладзаутæн радзырдтой, сæ райгуырæн хъæуы цард æмæ рацарæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы адæмы тыххæй. Бæлвырд дзырдтой Зураты Мæхæмæт, Елхъанты Эльбрус, Хъайырты Сланджери æмæ Хидирты Рамазаны цардвæндагыл. Фæсивæдæн йæ ныстуан загъта районы разамонæг Хидирты Батрадз. Бафæдзæхста сын, цæмæй хъуыды кæной сæ фылдæлты намысджын ивгъуыд æмæ йын уой аккаг кæстæртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania