филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 вторник, 16 декабря 2025
30 мая 2025, 10:50
Лескены сбæрæг кодтой библиотекæйы системæйы кусæджы бон

Уыимæ фæллойадон пенсимæ кадджын уавæры афæндараст кодтой хъæуы моделон чиныгдоны сæргълæууæг Елеты Ларисæйы

Лескены сбæрæг кодтой библиотекæйы системæйы кусæджы бон. Уыимæ фæллойадон пенсимæ кадджын уавæры афæндараст кодтой хъæуы моделон чиныгдоны сæргълæууæг Елеты Ларисæйы. Мадзалы райдианы онг Ларисæ нæ зыдта, ацы фембæлд йæ кадæн арæзт кæй у, уый. Уæвгæ, сылгоймаг библиотекæйы архайдæн балæвар кодта 34 азы. Йæ разамындæй дзы фæзынд моделон чиныгдон дæр. Мадзалы архайдтой канд Ларисæйы æмкусджытæ нæ, фæлæ  ма Лескены администрацийы, Æрæфы районы чиныгдоны системæйы, «Аланты Ныхас»-ы, Ветеранты Советы минæвæрттæ. Арфæйы æмæ кады гæххæттытæ саккаг кодтой Елеты Ларисæйæн йæ фæлтæрддзинад æмæ зæрдиаг фæллойы тыххæй. Лескены культурæйы артдзæсты хъомылгæнинæгтæ, стæй Цыколайы культурæйы галуаны сфæлдыстадон къордтæ та сæ музыкалон номыртæй саив кодтой мадзал.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania