Стыр æргом дзы аздæхтой Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон æмæ прмышленнон куыстуæтты архайдмæ.
Æмбырды фыццаджыдæр, каст цыд хъæууонхæдзарадон æмæ промышленнон къабæзты уæлæмхасæн авналæнты райрæзтмæ. Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов куыд загъта, афтæмæй стырдæр хъусдард ис, фæсарæнтæй кæй ласæм, уыдоны бæсты нæхицæн нæ бон кæй у кæнын, уыцы продукцийы рауагъдмæ. Ныртæккæ бирæ ахсджиаг федералон программæтæ цæттæ кæнынц, уымæ гæсгæ республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз бахæс кодта, цæмæй бæрнон разамонджытæ бацархайой уыцы программæты бынат æрцахсыныл.
Аграрон комплексыл дзургæйæ, рахицæн кодтой дыргътæ æмæ халсарты куыст, стæй стурвос, маргъ æмæ кæсаг дарыны къабæзты райрæзт. Бæлвырд куыстуæттæм ис фæндтæ сæ куыстадон бындур фæуæрæхдæр кæныны фæдыл, æмæ сæ ныфс ис федералон æххуысы фæрцы сæ нысантæ царды рауадзынæй.
Æхцайæ дæр нын зæрдæ бавæрдтой фæкæсынæй, æмæ цыбыр рæстæгмæ, нырмæ нын цы не ‘нтыст, уыцы хъуыддæгтæ сбæлвырд кæндзыстæм. Бацархайдзыстæм, цæмæй нæ продукцийæ нæхиуыл æххæссæм.
Цæгат Ирыстоны промышленносты кæддæриддæр куыстой дæсны специалисттæ. Сæ зонындзинæдты фæрцы нæ республикæйы ис, Уæрæсейы æмбал кæмæн нæй, ахæм куыстуæттæ. Стыр авналæнтæ ис авджы æмæ хъæды куысты, стæй нæ республикæйæн ног чи у, уыцы куыстадты.
Беслæны Дауыраты Виталий быдыры астæу скодта ног куыстуат. Фæсарæнтæй æрбаласта технологитæ, Уæрæсейы дæр сты ног, Ирыстон у фыццаг, чи сыл кусы, уыдонæй. Æмæ Лев Кузнецов йæхæдæг дæр загъта, уый бындурыл бирæ куыстуæттæ скæнæн кæй ис, зæгъгæ.
Федералон Хицауадмæ ис цалдæр программæйы экономикæйы къабæзты рæзтæн алывæрсыгæй баххуыс кæнынæн. Ахсджиагдæр лыггæнинаг фарстатæй иу у – куыстадæн дæсны специалистты цæттæ кæнын, æмæ уымæ дæр æргом здæхт ис.
Фæрниаты Мæдинæ




