24 декабря 2019, 12:28
Леваневскийы æмæ Хетæгкаты Инæлары уынгты та кæронмæ фæхæццæ кæны дондзæуæн хæтæлтæ ивыны куыст
Ахæм лæвар Ног азы бæрæгбонмæ бынæттон цæрджытæн скодта Дзæуджыхъæуы администраци
Дзæуджыхъæуы Леваневскийы æмæ Хетæгкаты Инæлары уынгты та кæронмæ фæхæццæ кæны дондзæуæн хæтæлтæ ивыны куыст. Ахæм лæвар Ног азы бæрæгбонмæ бынæттон цæрджытæн скодта Дзæуджыхъæуы администраци. Зæронд хæтæлтæ æвæрд æрцыдысты ивгъуыд æнусы астæу. Тынг зæронд уавæры кæй уыдысты, уый аххосæй-иу ацы дыууæ уынджы цæрджытæ арæх баззадысты æнæ нуазыны донæй. Ныр уавæр хуыздæрырдæм аивдзæн.
Дондзæуæн системæ баивыны куыстыл ацыди 3 къуырийы. Бынæттон цæрджытæ цалцæгæн æмæ фæллойгæнджыты архайдæн скодтой стыр аргъ. Администрацийы кусджыты хъуыдымæ гæсгæ нырмæ Дзæуджыхъæуы ис бирæ аварион участочы, æмæ сыл хъæуы æвæстиатæй бакусын.
темæмæ гæсгæ




