5-æм гимназы хистæр кълæсты ахуырдзаутæн радзырдтой Константин Симоновы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй
«Литературон сахат» арæзт æрцыд Мамсыраты Дæбейы номыл сывæллæтты республикон библиотекæйы. 5-æм гимназы хистæр кълæсты ахуырдзаутæн радзырдтой Константин Симоновы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Лæппутæн æмæ чызджытæн равдыстой советон авторы къамтæ. Азæлыдысты йæ уацмыстæ, стæй йе мдзæвгæтыл фыст зарджытæ. Уымæй дарддæр ма байхъуыстой Симоновы хъæлæсмæ. Уым кæсы йæ легендарон æмдзæвгæ «Ты помнишь, Алеша, дороги Смоленщины…». Стыр ргом аздæхтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг сфæлдыстадмæ. Æфсæддон уацхæссæг канд хæсты цауты тыххæй нæ фыста, фæлæ ма ныффыста ирд уацмыстæ дæр. Константин Симонов уыд поэт, прозаик, драматург, журналист. Йе нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд Ленины æмæ Сталины номыл 6 хатты премитæй. Уымæй дарддæр сси Социалистон Фæллойы Хъæбатыры номы аккаг. Литературон мадзал сбастой советон авторы 110 азы бонимæ. Сбæрæг æй кæндзысты ноябры.




