филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:24 воскресенье, 01 февраля 2026
29 ноября 2022, 14:35
Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæты цæрджытæй РЦИ-А чи ис, уыдонæй 222 адæймагæн бафыстой 5 милуан сомæй фылдæр

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ

Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæты цæрджытæй Цæгат Ирыстоны чи ис, уыдонæй 222 адæймагæн бафыстой 5 милуан сомæй фылдæр. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ. Дзырдтой ма фæкæсынхъуаг бинонтæн æххуысы тыххæй дæр. Афæдзы кæронмæ семæ фæнд кæнынц 1600 социалон контракты бæрц бафыссын 221 милуан сомæй фылдæрæн. Хъæуты Новоейы æмæ Чермены абон байгом кæндзысты сывæллæтты 2 рæвдауæндоны. 3 та ма байгом уыдзæн азы кæронмæ. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй 2023-æм азы райдианмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты хъуамæ фæзына 2 мин уæлæмхасæн бынаты. Иннæ аз ма дарддæр æххæст кæндзысты скъолаты бындурон цалцæг – базилдзысты 22 ахуыргæнæндонмæ. Транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэль куыд загъта, афтæмæй фидæны курорт «Мамысон»-мæ тоннель æххæстæй цалцæггонд у. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн та радзырдта горæты æнцонвадат архайды программæ æххæст кæныны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania