филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:14 суббота, 21 сентября 2024
19 сентября 2014, 10:58
Луганскы облæстæй ралидзæг бинонты суазæг кодтой Хъобаны

Украинæйæ ралидзæг адæмы суазæг кодтой Уæрæсейы бирæ регионты. Се хсæн Цæгат Ирыстон дæр. Безбожныты бинонтæ та нæ республикæмæ ссыдысты Луганскы облæстæй. Раздæр уал æрбынат кодтой пансионат Урсдоны. Фæстæдæр сæм сæхи ныхæстæм гæсгæ æрхауд стыр амонд, базонгæ сты Плиты Гермæнимæ.

74352
Украинæйæ ралидзæг адæмы суазæг кодтой Уæрæсейы бирæ регионты. Се хсæн Цæгат Ирыстон дæр. Безбожныты бинонтæ та нæ республикæмæ ссыдысты Луганскы облæстæй. Раздæр уал æрбынат кодтой пансионат Урсдоны. Фæстæдæр сæм сæхи ныхæстæм гæсгæ æрхауд стыр амонд, базонгæ сты Плиты Гермæнимæ. Æмæ сæ уый æрбахуыдта Хъобанмæ, йæ хæдзармæ цæрынмæ.

Украинæйæ ралидзæг адæмы суазæг кодтой Уæрæсейы бирæ регионты. Се хсæн Цæгат Ирыстон дæр. Чысыл Полинæ йе фсымæр Даниил æмæ сæ ныййарджытæ та нæ республикæмæ ссыдысты Луганскы облæстæй. Безбожныты бинонтæ ралыгъдысты хæст æмæ хæцæнгарзы æхстытæй. Раздæр уал æрбынат кодтой пансионат Урсдоны. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæм фæстæдæр æрхауд стыр амонд, базонгæ сты Плиты Гермæнимæ. Æмæ сæ уый æрбахуыдта Хъобанмæ, йæ хæдзармæ цæрынмæ. Плиты Гермæн йæхæдæг бирæ азты фæцард Мæскуыйы. Æмæ йæ мбары, æндæр ран куыд зын у цæрын, уый. Уæлдайдæр та дæ фыдыбæстæйы хæст куы цæуа, уæд. Урсдонмæ куы бацыд, уæд базонгæ Безбожныты бинонтимæ.

Плиты Гермæн: «Æвæццæгæн адæймаг афтæ арæзт у, æмæ искæй æххуыс куы хъæуа, уæд хъуамæ баххуыс кæнай. Федтон ацы бинонты, æмæ сын загътон, мæнæ хæдзар ис, æмæ дзы цæрут».

Виталий æмæ Елена Безбожнытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм ахæм цæстæнгасæй кæй ракæсдзысты, уый æнхъæл нæ уыдысты. Алчидæр сын æххуыс кæны. Ныртæккæ сæ сывæллæттæ Полинæ æмæ Даниил бацыдысты Хъобаны скъоламæ.

Битарты Зинаидæ, Хъобаны скъолайы директоры хæдивæг: «Ацы сывæллæттæ тынг хорз сывæллæттæ сты. Ахуыр кæнынц, иннæтимæ балымæн сты. Ныр сæ иронау дзурын дæр фæнды. Цыдæр дзырдтæ базыдтой».

Бинонтæ сабыргай сæхимæ цæуын райдыдтой. Хорз ахастдзинæдтæ сын ис сыхæгтимæ, хъæубæстимæ. Æнæдæр гæнæн сын нæй, зæгъы бинонты хистæр Виталий. Сæйрагдæр у сывæллæтты цæсгæмттыл мидбылхудт кæй фæзынд, уый.

Виталий Безбожный: «Гермæнæн стыр бузныг, раст цыма йæхи бинонтæ стæм, афтæ ныл батыхсти. Йæ хæдзары нæ рцарын кодта. Æгæрон бузныг ын».

Безбожныты бинонты райгуырæн зæххыл Луганскы облæсты Виталий 10 азы фæкуыста шахтерæй. Ныртæккæ та æмбырд кæны æмбæлгæ документтæ, Уæрæсейы гражданины статус райса, уый тыххæй. Фæстæмæ ацæуын сæ нæ фæнды, фæлæ ам хъуамæ куыст ссарой. Уымæн æмæ Цæгат Ирыстон бауарзтой, куыд сæ райгуырæн бæстæ, афтæ.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania