Донæй дзаг пъадвал, хъуына къултæ æмæ æвзæр тæф. Шевцовайы уынджы 45-æм хæдзары цæрджытæ ахæм уавæртæн фæразынц ныр 2 азы бæрц. Канализацон хæтæлты аххосæй сæ хæдзары бын æппынæдзух байдзаг вæййы донæй. Сæ хъаст алы рæттæм дæр бахастой, фæлæ нырмæ фарста алыг кæныныл ничи бакуыста.

Донæй дзаг пъадвал, хъуына къултæ æмæ æвзæр тæф. Шевцовайы уынджы 45-æм хæдзары цæрджытæ ахæм уавæртæн фæразынц ныр 2 азы бæрц. Канализацон хæтæлты аххосæй сæ хæдзары бын æппынæдзух байдзаг вæййы донæй. Сæ хъаст алы рæттæм дæр бахастой, фæлæ нырмæ фарста алыг кæныныл ничи бакуыста.
Любовь Шевцовайы уынджы 45-æм хæдзары цæрджытæ ныр дыууæ азы цæрынц æвзæр уавæрты. Подъездты æмæ ма раст фатерты дæр æвзæр тæфæй æрлæууæн нæй. Сæ пъадвалмæ бакæлы канализацийы дон. Уый тыххæй фыццаг уæладзыджы фатерты къултæ схъуына вæййынц. Уый аххосæй та адæм райдыдтой рынчын кæнын. Цæрджытæ сæ хъаст бахастой бирæ рæттæм, фæлæ сын нырма ничи баххуыс кодта.
Куыцыкты Тимæ, Шевцовайы уынджы 45-æм хæдзары цæрæг: «Фыццæгæм уæладзыджы цæрæм, фæлæ уæллаг фатерты дæр сымаг хъыгдары. Мах нæ бон нал у, хъуына алы ран дæр. Нæ пъадвалы вæййы дон метры `рдæр. Æмæ афтæ аз 5 хатты. Исты дзы куы нывæрæм æмæ фесæфынц, акалæм нæ дзаумæттæ. Æрбацæуынц, цыдæртæ фæхойынц, фæзæгъынц, сарæзтам æй, фæлæ та ногæйчысыл рæстæгмæ фæстæмæ афтæ свæййы. Йæ тæф та æппынæдзух дæр афтæ у. Дон дзы куы нæ уа, уæддæр уыцы æвзæр тæф кæны».
Ныр цалдæр азы ацы бирæфатерон хæдзарæн лæггад кæны разамонæг компани «Комфорт ЖКУ». Йæ разамонæг Бицъоты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй пъадвалы цы канализацион хæтæлтæ цæуынц, уыдон сты цалцæггонд æмæ куыд æмбæлы, афтæ кусынц.
Бицъоты Игорь, разамонæг компании «Комфорт ЖКУ»-йы директор: «Уыцы хæдзары цы проблемæй ис, уый зонæм. Пъадвалы цы хæтæлтæ цæуынц, уыдон сты лæмбынæг конд, кусынц хорз. Фæлæ æддейæ цы канализации цæуы, уый у æвзæр конд, æмæ нæ хæдзармæ бакæлы канализацийы дон. Æмæ адæм дæр хъаст кæнынц, кæй зæрдæмæ фæцæудзæн. Нæ аххос дзы ницы ис. Мах ныффыстам цалдæр писмойы Дзæуыджыхъæуы донуадзæн хæтæлтæм, цæмæй сæ хæтæлтæ сцалцæг кæной. Æрбацæуын, саразынц сæ, фæлæ лæмбынæг нæ, æмæ та ногæй вæййы ахæм хабар».
«Дзæуджыхъæуы донуадзæн хæтæлты» кусджытæ дæр сæхи аххосджыныл нæ нымайынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын Краснодонскийы уынджы цы хæтæлтæ цæуынц, æмæ Шевцовайы уынджы бирæуæладзыгон хæдзары канализаци кæдæм уагъд у, уыцы системæ кусы куыд æмбæлы, афтæ.
Сечъынаты Нелли, гом акционерон æхсæнад «Дзæуджыхъæуы донуадзæн хæтæлты» техникон хайады инженер: «Æрмæст уынджы цы хæтæлтæ цæуынц, уыдон хауынц махмæ, фæлæ ма дзы ис, пъадвалæй цы хæтæлтæ рацæуынц, уыдон. Хауынц разамонæг компанимæ. Хъуамæ сæм кæсой цы уавæры сты, уымæ. Мах организацимæ цы хауы, уый кæнæм куыд æмбæлы, афтæ».
Афтæмæй Шевцовайы уынджы бирæфатерон хæдзары пъадвал донæй кæй аххосæй дзаг кæны, уый сбæрæг кæнын нæ бон нæ бацис. Дзæуджыхъæуы администрацийы нын зæрдæ бавæрдтой, хъуыддаг сбæрæг кæныныл кæй бацархайдзысты, уымæй.
Гуыбаты Умар, Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады комитеты хайады хицауы хæдивæг: «Мах, бынæттон хиуынаффæйады кусджытæ, нæ цæст дарæм, цæмæй разамонæг компанитæ сæ куыст хорз æххæст кæной. Адæмы ма сайой, фæлæ сæ хæстæ куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæной. Цы хæдзары кой кæнæм, уырдыгæй цы хъаст æрбацыд, уымæн дæр ратдзыстæм дзуапп. Рацæудзыстæм хæдзармæ, сбæлвырд кæндзыстæм аххосæгтæ, æмæ аххосджын чи у, уый закъонмæ гæсгæ æфхæрд æрцæудзæн».
Уæрæсейы цæрæн кодекс хæлд куы цæуа, уæд закъонмæ гæсгæ ис административон ивар.
Кæй аххосæй дзаг кæны хæдзары пъадвал донæй, уыцы компани хъуамæ бафида ивар, уыимæ ма сцалцæг кæна, хæтæлтæ саст кæм сты, уыцы бынат дæр. Æмæ цалынмæ специалисттæ уавæр бæрæг кæной, уæдмæ та уал адæм цæрдзысты, фæразæн кæмæн нæй, ахæм уавæрты – æвзæр тæф æмæ хъуына кæм ис, ахæм фатерты.
Гугкаты Иринæ
