филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:47 четверг, 02 мая 2024
05 марта 2013, 17:28
«Мæ мады дæсныйад», ахæм сæргондимæ «Цæдисты хæдзары» арæзт æрцыд сывæллæтты нывты конкурс.

Архайдтой дзы республикæйы скъолаты кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ æмæ Цæрæн-коммуналон хæдзарады профцæдисты уæнгты сывæллæттæ.

«Мæ мады дæсныйад», ахæм сæргондимæ «Цæдисты хæдзары» арæзт æрцыд сывæллæтты нывты конкурс.

Архайдтой дзы республикæйы скъолаты кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ æмæ Цæрæн-коммуналон хæдзарады профцæдисты уæнгты сывæллæттæ. Жюрийы уæнгтæ равзæрстой 25 хуыздæр нывы. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой дипломтæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Иннæтæн та радтой кады гæххæттытæ æмæ призтæ.

Дзусаты Анатолий, Цæрæн-коммуналон хæдзарады профцæдисты комитеты сæрдар: «Ирыстоны цас кадджын нывгæнджытæ ис, æмæ нæ хæс у, цæмæй ацы кæстæртæ дæр мах руаджы куыд сырæзой, æмæ сæ ахæм кадджын нывгæнджытæ куыд рауайа. Ныр сæ ныййарджытæм кæсын æмæ сæ зæрдæ рухс кæны. Æмæ ма уымæй хуыздæр цы уа. Уыдонæн абон бæрæгбон у, æмæ ацæгæйдæр, 2, 3 сывæлллоны дарддæр ацы фæндагыл куы цæуой, уæд уый уыдзæн хорз».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania