филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:07 понедельник, 15 декабря 2025
25 марта 2014, 11:24
«Мæнмæ кæс дæ `мсæр адæймагмæ кæсæгау» – ахæм девизимæ сахъат сывæллæттæ ерыс кодтой спортивон комплекс «Динамо»-йы

Ахæм турниры фыццаг хатт нæ архайдтой. Ерыс аразджыты хæс уыди, цæмæй сабитæ сæхи иппæрдæй ма æнкъарой, фæлæ йæ зоной æхсæнады хъæугæ адæм кæй сты, уый. Уымæ сæ разæнгард кæны Сочийы паралимпиадæ дæр.

Се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сабитæн спортивон комплекс «Динамо»-йы ахæм ерыстæ арæх вæййы. Иуæй кæнынц хъаруджындæр, иннæмæй та фидар кæны сæ удыхъæд. Афтæмæй сын ерыс аразджытæ баххуыс кæнынц сæхиуыл баууæндын. Спортивон бæрзæндтæм схизынмæ тырнынц, зæрдиагæй, уæлдайдæр та Сочийы паралимпиадæйы фæстæ.

17 аздзыд Байаты Сослан ерыс кодта реабилитацион центры командæйæн. Лæппу у астмæйæ рынчын. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй спорт тынг уарзы. Уæгъд рæстæг ын куы вæййы, уæд йе мгæрттимæ фæхъазы футболæй. «Сæйрагдæр уæлахиз нæу, фæлæ ерысты архайын æмæ хи фæлварын»,- зæгъы Сослан.

Турнир байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой пединституты, медицинон академийы, ЦИПУ-йы, æмæ хæххон металлургон институты студенттæ. Сæ спортивон цæттæдзинад та дзы æвдыстой 6 командæйы. Ацы хъæлдзæг ерыстæ сын уыдысты бæрæгбонау.

Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ командæты хсæн фыццаг бынат бацахста æвзæр уæзхъусты скъола – интернаты хъомылгæнинæгтæ. Радтой сын кубоктæ, кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Фæхæрдуæвджытæ дзы нæ уыди. Хъæлдзæг ерысты 36 архайæджы дæр райстой лæвæрттæ. Сывæллæттæ æмбарынц, иунæг кæй не сты, уый.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania