Сывæллæтты церебралон паралич дзæбæх кæныны Национ Ассоциацийы дохтыртæ æртыккаг хатт ссыдысты Дзæуджыхъæумæ, æмæ сарæзтой æркаст, йæ нервыты системæ хъыгдард кæмæн
Сдзæбæх кæнынмæ ма ноджыдæр иу къахдзæф. Сывæллæтты церебралон паралич дзæбæх кæныны Национ Ассоциацийы дохтыртæ Дзæуджыхъæуы кæсынц, йæ нервыты системæ хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæм. Мæскуыйаг специалисттæм сæ сабиты æрбакодтой, раздæр æххуысагур Уæрæсейы æмæ фæсарæйнаг рынчындæтты чи уыд, ахæм ныййарджытæ дæр. Сæ зæрдæ дарынц, ам сын кæй баххуыс кæндзысты, ууыл.
Джусойты Анжелæ: «Мах дохтыртæ дæр хорз сты. Тынг нын баххуыс кодтой æмæ сын бузныг. Фæлæ уæддæр ахæм фадат куы уа, мæскуыйаг специалисттæм æрбацæуын, уæд дзы куыд нæ спайда кæндзынæ».
Мæскуыйаг специалисттæн Дзæуджыхъæумæ балц у, цæгаткавказаг наукон-практикон конференци «Сывæллæтты церебралон паралич дзæбæх кæныны фарстаты» иу хай. Ацы форумы фæархайынц æппæт Кавказы республикæты дохтыртæ. Цæгат Ирыстоны та сты æртыккаг хатт.
Елена Амчеславская, сывæллæтты психоневрологийы наукон-практикон центры директоры хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг: «Махæн нæ бон дохтыртæн раттын у фылдæр зонындзинæдтæ. Ис нæм стыр фæлтæрддзинад сывæллæтты церебралон паралич дзæбæх кæныны хъуыддаджы».
Цæгатирыстойнаг дохтыртæ сæ докладты æмæ лекциты бæстон æрлæууыдысты ацы низы хицæндзинæдтыл. Стæй ног методтæй пайда кæнгæйæ йæ дзæбæх кæныны фарстатыл. Нырыккон методикæ хъуамæ зынгæ феххуыс уа регионты кусæг дохтыртæн.
Лариса Кузнецова, РЦИ-Аланийы æнæниздзинадхъахъхъæнынады хайады хицау: «Сæ фæлтæрддзинадыл æфтауынц регионты кусæг дохтырты. Æмæ сын амонынц ног методикæтæ, ног стандарттæ».
Мæскуыйаг дохтыртæ Дзæуджыхъæумæ ссыдысты Уæрæсейы Президенты цур цæгатирыстойнаг минæварады æххуысæй. Конференцийы архайы Уæрæсейы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады сывæллæтты реабилитацийы сæйраг специалист, профессор Татьянæ Батышева. Форумы программæйы ма сты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, тымбыл стъолтæ æндæр ахсджиаг фембæлдтытæ.
Фидараты Маринæ




