Мæскуыйаг уынджы 34-æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны ныр 3-аг мæй сæ лифт куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ кусы, уый. 9-уæладзыгон хæдзары ис 36 фатеры.
Разамонæг компанийы минæвæрттæ зæрдæ бавæрдтой, хæстæгдæр рæстæг лыггæнинаг фарстатæ аиварс кæнынæй.
Кцойты Светланæ та радон хатт фæлвары йæ фатермæ лифтæй ссæуын. Цæры Мæскуыйаг уынджы 34 хæдзары 8-æм уæладзыджы. Сылгоймаг у дыккаг къæпхæны инвалид. Ис æм коксартроз. Куыд зæгъы, афтæмæй уæлдай хатт хæдзарæй æддæмæ нæ фæцæуы.
Кцойты Светланæ: «28-æм æви 29-æмы, кæсæм цыдæртæ æмбырд кæнынц. Фæрсын сæ: «Цæуынмæ хъавут?», æмæ, дам, о. Лифт, зæгъын, скодтат, æмæ, дам, о. Æмæ, æцæгдæр, скуыста, фæлæ дыккаг бон нал ис лифт. Цыдæр фæцис».
Фарон ноябры цæрджытæ базыдтой, сæ лифт сын кæй баивдзысты, уый. Декабры кæрон æвæрд æрцыд. Фæлæ дзы адæмæн сæ бон æххæстæй пайда кæнын нæу. Æдзухдæр йæ куыстæй ныллæууы. Чи йæ арæзта, уыцы организацийы специалисттæ зæгъынц, лифты куыст къуылымпы кæны, электрон тых æм кæй нæ хæццæ кодта, уый тыххæй. Ныртæккæ лифт кусы. Разамонæг компанийы минæвæрттæ æмбарын кæнынц, хæстæгдæр рæстæг æппæт гæххæттытæ цæттæ кæй уыдзысты, æмæ куыд æмбæлы, афтæ кæй кусдзæн, уый.
Пагæты Ларисæ, разамонæг компанийы директоры хæдивæг: «Объект афоныл радтынмæ чысыл æрæджы кæнæм. Хъæуы ма нæ гæххæттытæ бацæттæ кæнын. Зæрдæ дарæм, хæстæгдæр рæстæг нын дзуаппдæттæг организаци æппæт документтæ кæй ратдзæн. Уый фæстæ бафысдзыстæм сæрмагонд акт, æмæ йæ равдисдзыстæм цæрджытæм дæр».
Ног лифтæн æхца радих кодтой цæрæн-коммуналон хæдзарады рацарæзтæн æххуысы фонды программæ гæсгæ. Йæ аргъ у милуан æмæ 500 мин сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæн сæ 5% хъуамæ бафидой цæрджытæ. Фæлæ æхца дæттын се ппæты нæ фæнды.
Республикæйы цæрджытæ нæ редакцимæ æдзухдæр æрбадзурынц сæ риссаг фарстатимæ. Фылдæр хатт баст вæййынц цæрæн-коммуналон хæдзарады къабазимæ. Фæлæ арæх проблемæ сæвзæры цæрджытæ æмæ коммуналон куыстуæтты минæвæрттæ кæрæдзийы кæй нæ фембарынц, уый тыххæй. Фарста сбæлвырд кæнынæн фаг вæййы æрмæстдæр фембæлын æмæ аныхас кæнын, æнæ дзыллон информацийы фæрæзты æххуысæй.
Хъайтмазты Дзерассæ




