филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:17 вторник, 16 декабря 2025
07 марта 2014, 14:08
Мæскуыйаг уынджы 56-æм æмæ 58-æм хæдзæртты цæрджытæ хъаст кæнынц сæ алыварс цъыф æмæ æнаив кæй у, уымæй

Фæлладуадзæн бынаты рацарæзт райдыдта фарон ноябры, æмæ хъуамæ фæуыдаид ног азмæ фæлæ цæмæдæр гæсгæ, куыстытæ ныддæргъвæтин сты. Ацы уавæр адæмы тынг тыхсын кæны.

Мæскуыйаг уынджы 56-æм æмæ 58-æм хæдзæртты цæрджытæ хъаст кæнынц сæ алыварс цъыф æмæ æнаив кæй у, уымæй
Фæлладуадзæн бынаты рацарæзт райдыдта фарон ноябры, æмæ хъуамæ фæуыдаид ног азмæ фæлæ цæмæдæр гæсгæ, куыстытæ ныддæргъвæтин сты. Ацы уавæр адæмы тынг тыхсын кæны. Цæмæй хæдзармæ бахауой, уый тыххæй сæ хъæуы иувæрсты цæуын.

Æнхъæлмæ кастысты фæлладуадзæн бынаты цалцæгмæ, уый бæсты та сæвзæрд арæзтадон фæзуат. Мæскуыйаг уынджы 56-æм æмæ 58-æм хæдзæртты цæрджыты зæрдæмæ нæ цæуы ахæм дæргъвæтин куыст. Фæлладуадзæн бынаты рацарæзт райдыдта фарон ноябры, æмæ хъуамæ фæуыдаид ног азмæ.

Санахъоты Сæлимæ: «Нæй сын æхца, фадат цæмæй йæ саразой. Стæй та загътой Олимпиадæйы арт ауылты рахæсдзысты æмæ уыдзæн дзæбæх сквер. Æмæ нын сквер дæр нæй, нæхион дæр нын фехæлдтой».

Æппынæдзух цъыф кæй у, уый тыхсын кæны цæрджыты. Сывæллæттæ цæмæй хæдзармæ бахауой, уый тыххæй сæ хъæуы иувæрсты цæуын. Адæм сæхæдæг бавнæлдтой сæ фæзуат банывыл кæнымæ. Рæстæгмæ уал сарæзтой къахвæндаг. Зинаида Трубникова нæ фæзивæг кодта æмæ, машинæйы цæлхытæ кæм ивынц, уырдыгæй ракуырдта зæронд цæлхытæ. Лæппутæ пенсиисæджы курдиат сæххæст кодтой æмæ ма йын сæ хæсгæ дæр æрбакодтой.

Горæты администрацийы разы не сты адæмы хъуыдыимæ, æмæ зæрдæ æвæрынц, апрелы фæлладуадзæн бынат арæзт кæй фæуыдзæн, уымæй.

Уаниты Сослан, Дзæуджыхъæуы администрацийы фæндæгты арæзтадон æмæ цъæх фæлысты управленийы хицауы хæдивæг: «Ныртæккæ цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Фарон конд æрцыд йæ иу фарс. Ацы аз апрелмæ куыстытæ конд фæуыдзысты. Адæмæн мæ фæнды зæгъын, цæмæй бафæразой, уымæн æмæ рæстæг дæр нæ нæ уадзы кусын, фæлæ апрелмæ хъуамæ конд æрцæуа, уыцы бынат».

Фарон ацы ран Калинины уынджы тигъыл бакодтой цъæх фæлысты куыст. Ацы аз та Мæскуыйаг уынджы тигъæй зæрдæ райдзæн æмæ дзы фылдæр адæм сæ фæллад уаддзæн.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania