12 февраля 2013, 11:19
Мæскуыйы æппæтадæмон равдыстыты комплекс «Крокус Экспо»-йы равдыст «Интурмаркет»-ы Цæгат Ирыстоны стендæн йæ фидауц уыдзæн къахдзоныгъты симулятор
Йæ фæрцы адæймаг йæхи банкъардзæн Мамысоны хæххон – курортон зонæйы.
Йæ фæрцы адæймаг йæхи банкъардзæн Мамысоны хæххон – курортон зонæйы. Уыимæ, къахдзоныгъты фидæны трассæ компьютер æмæ механикæ равдисдзысты бæлвырдæй. Ирыстойнаг стенды Мамысоны курорт бацахсдзæн сæйраг бынат. Уымæй уæлдай дзы æвдыст æрцæудзысты Хъобайнаг культурæ, экскурсион æмæ дзæбæхгæнæн лæггæдты проекттæ. Стенд бацахсдзæн æвдай дыууæ квадратон метры.
темæмæ гæсгæ




