филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:49 воскресенье, 14 декабря 2025
06 августа 2014, 11:30
Мæскуыйы банчы рауагътой ног проект «Хъуыддаджы адæм»

«Ахуыргæнджытæм, дохтыртæм, службæгæнджытæм æмæ паддзахадон организациты кусджытæм хъæуы фылдæр æргом здахын, банчы системæйы та сын хъæуы ахæм уавæртæ аразын, цæмæй

73080
«Ахуыргæнджытæм, дохтыртæм, службæгæнджытæм æмæ паддзахадон организациты кусджытæм хъæуы фылдæр æргом здахын, банчы системæйы та сын хъæуы ахæм уавæртæ аразын, цæмæй сæ бон уа кредитон программæтæй пайда кæнын» – ахæм у Мæскуыйы банчы разамынды хъуыды. Æмæ рауагътой ног проект «Хъуыддаджы адæм». Ныр ма уал кусы 2 мæйы, фæлæ дзы спайда кодта 250 адæймагæй фылдæр.

Банчы правленийы уæнг Владимир Верхошинский куыд зæгъы, афтæмæй бæстæйы раззагдæр банкты хыгъды ис Мæскуыйы банк дæр. Иннæтæй хицæн кæны, бюджетон къабазы чи кусы, уыдонмæ æ стыр æргом кæй здахы, уымæй.

Ног проектмæ гæсгæ 5 азмæ кредиты процент у 16,9%. Кредитон картæтæм гæсгæ – процент у 19,9%. Ипæтекæ исгæйæ та адæймаджы фыццаг фиддон у 10 %.

Уымæй уæлдай ма адæмы пайдайæн банк дæтты куысты мызды картæтæ. Сæ бон дзы фидын уыдзæн алыхуызон фиддонтæ. Баст уыдзæн интернетимæ æмæ алкæй бон дæр уыдзæн йæ кусæн бынаты кредитон картæты операцитæ кæнын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania