филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:08 понедельник, 01 июля 2024
13 августа 2014, 17:05
Мæскуыйы бынмæ æрцахстой фыдгæнджыты къорды 5 архайæджы

Цæгат Ирыстоны æмæ Мæскуыйы 25 фыдракæндæй фылдæр чи сарæзта, ахæмты. Мардтой бæрнон адæмы. Се хсæн – Дзæуджыхъæуы мэртæ Хъараты Виталий æмæ Пæгæты Хъазыбег. Уый тыххæй Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ хъуысын кæнынц информацион агентадтæ.

73709

Мæскуыйы бынмæ æрцахстой фыдгæнджыты къорды 5 архайæджы. Цæгат Ирыстоны æмæ Мæскуыйы 25 фыдракæндæй фылдæр чи сарæзта, ахæмты. Мардтой бæрнон адæмы. Се хсæн – Дзæуджыхъæуы мэртæ Хъараты Виталий æмæ Пæгæты Хъазыбег. Уый тыххæй Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ хъуысын кæнынц информацион агентадтæ. Засеты Инал, Багаты Роберт, Руслан Юртов, Таутиаты Эрик æмæ Хъодоты Дмитрий уыдысты æппæтадæмон æмæ федералон агуырды, æрцахстой сæ æхсæвы. Ссардтой ма сæм бирæ хæцæнгæрзтæ æмæ хæстон æрмæджытæ. Слесты хатдзæгтæм гæсгæ, фыдгæнджыты къорд фæзынд 2007-æм азы, æмæ йын разамынд лæвæрдта Гуырдзыйæ рацæуæг Гæджиты Аслан. Сæ къорды хыгъды уыди 30 адæймаджы. слестгæнджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй амардтой фыдгæнджыты къордтимæ тохгæнæг цæгатирыстойнаг управленийы хицау Мецъаты Маркы, уголовон агуырды разамонæг Челдыты Виталийы æмæ йæ фырты, стæй Промышленнон районы прокуроры хæдивæг Озиты Оледжы дæр. Фыдгæнджытæй цалдæрæн ис тæрхон хаст. Дыууæйы хъуыддагмæ дзы ныртæккæ кæсы тæрхондон, 10 адæймаджы, уыдонимæ къорды разамонæг, сты æппæтадæмон æмæ федералон агуырды.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania