18 апреля 2018, 18:40
Мæскуыйы уыд киноныв «Сопротивление»-йы премьерæ
Сарæзтой йæ Уæрæсейы аивæдты сгуыхт кусæг, Ирыстоны фыццаг профессионалон балетмейстер Уарзиаты Хадзысмелы 80 азы юбилейы кадæн.
Мæскуыйы уыд киноныв «Сопротивление»-йы премьерæ. Сарæзтой йæ Уæрæсейы аивæдты сгуыхт кусæг, Ирыстоны фыццаг профессионалон балетмейстер Уарзиаты Хадзысмелы 80 азы юбилейы кадæн.
Кинонывы режиссер у – журналистты æппæтадæмон конкурс «Серебряное перо» -йы лауреат Азæмæтты Любовь. Уарзиаты Хадзысмел арф фæд ныууагъта канд адæмы зæрдæты нæ, фæлæ ирон æмæ уырыссаг культурæйы дæр. Архайдта алыхуызон æппæтуæрæсеон æркастыты. Йæ хореографион курдиатæн ын стыр аргъ кодтой фæсарæнты дæр. 1968-æм азы Хадзысмел æрлæууыд паддзахадон ансамбль «Алан»-ы сæргъы. Йæ дæсны разамынды фæрцы нæ ансамблы ном айхъуыст бирæ бæстæты. Уæд кафты дæсныйад æмбæлгæ бынат æрцахта. Коллективæн та радтой академион ансамблы кадджын ном. Хадзысмел цы традицитæ ныууагъта, уыдон ныр дарддæр хæццæ кæнынц йæ хиуæттæ æмæ йæ фæдонтæ. Уæлдайдæр та йæ фырт. Премьрæйы архайдтой Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвары фыццаг хæдивæг Борис Рея, республикæйы парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Тотоонты Алыксандр, Мæскуыйы ирæтты æхсæнады хистæрты советы сæрдар Торчынты Амырхан, культурæйы, политикæйы, бизнесы зындгонд минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, стæй, Мæскуыйы чи ахуыр кæны, ахæм ирыстойнаг фæсивæд. Уарзиаты Хадзисмелы фырт Сосланы ныхæстæм гæсгæ, киноныв арæзт æрцыди бæрзонд æмвæзадыл. Премьерæйы уæвджытæ зæрдиагæй бакастыты кинонывмæ. Сæйраг хъайтары цард æмæ сфæлдыстад дзы æргом конд æрцыдысты æххæстæй.
темæмæ гæсгæ




