филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:15 вторник, 16 декабря 2025
14 марта 2018, 14:39
Мæздæджы 2015-æм азы цы спортивон скъола басыгъд, уый бынаты райдыдтой ног бæстыхай аразын

Бындур ын æвæрд æрцыд сывæллæтты, сæ ныййарджыты æмæ раздæры хъомылгæнинæгты хъарутæй. Ныр хъæуы къултæ самайын.

Адæмон арæзтад. Мæздæджы 2015-æм азы цы спортивон скъола басыгъд, уый бынаты райдыдтой ног бæстыхай аразын.
Бындур ын æвæрд æрцыд сывæллæтты, сæ ныййарджыты æмæ раздæры хъомылгæнинæгты хъарутæй. Ныр хъæуы къултæ самайын. Проектмæ гæсгæ уыдзæн 2-уæладзыгон спорткомплекс стыр залимæ, дзаумæттæивæн æмæ хинайæн агъуыстытимæ. Ныртæккæ клубы архайы 400 сывæллонæй фылдæр. Се ‘хсæн ис алыхуызон ерысты æмæ чемпионатты призертæ. Стыр æргом здæхт цæуы иудзинадмæ, клубы уæнгтæ цæрынц бинонты хуызæн. Иумæ сæ фæллад уадзынц, балцыты цæуынц. Ахæм традицитæн бындур æвæрд æрцыд, дзюдойы спортивон скъола куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ. Тренертæ сæхæдæг дæр цыдысты клубмæ, æмæ ныр фæлтæртæм хæццæ кæнынц, хистæртæ сын цы амыдтой, уый.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania