06 декабря 2013, 11:54
Мæздæджы æвзонг инспекторты змæлдыл æххæст кæны 40 азы
Æвæрд у адæмон аргъæуттæм гæсгæ. Уый у сывæллæтты рæвдауæндон «Эрудит»-ы хъомылгæнинæгтæн лæвар Ног Азы агъоммæ. Дæсны актерты къухты аргъæутты хъайтартæ цыма æцæг сты, афтæ кæсы.

Æвæрд у адæмон аргъæуттæм гæсгæ. Уый у сывæллæтты рæвдауæндон «Эрудит»-ы хъомылгæнинæгтæн лæвар Ног Азы агъоммæ. Дæсны актерты къухты аргъæутты хъайтартæ цыма æцæг сты, афтæ кæсы. Спектакль сывæллæтты ахуыр кæны, æмбæлтты ‘хсæн хъуамæ цавæр ахастдзинæдтæ уа, ууыл. Йæ режиссер Сечъынаты Элитæ куыд зæгъы, афтæмæй чысыл аивадуарзджытæн спектакль æвдисын кæддæриддæр бæрнон вæййы.
Сечъынаты Элитæ, дыгурон театры режиссер: «Ацы спектакль чысыл æндæрхуызон у. Уымæн æмæ цард ивы, сывæллæтты æндæрхуызон фæнды аргъæуттæм кæсын. Бацархайдтон, уыдонæн хæстæгдæр чи у, ахæм музыкæ равзарын. Сæ дарæс дæр, сæ ныхас дæр ныры дугмæ хæстæгдæр чи у, ахæм домæнтæй архайдтон. Мæ зæрдæ райы сывæллæттæ кæй худынц, уымæй. Сæ зæрдæмæ цæуы. Мæнæ дæр æхсызгон у. Æгайтма мын бантыст сывæллæттæн уыцы хорздзинад скæнын».

темæмæ гæсгæ