28 января 2013, 11:43
Мæздæджы администрацийы сæргълæууæг Рубайты Владимиры хъæппæрисæй арæзт æрцыд стыр бæрæгбон
Мæздæджы районæй культурæйы, ахуырады æмæ спорты стыр æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уыдонæн администрацийы сæргълæууæг Рубайты Владимиры хъæппæрисæй арæзт æрцыд стыр бæрæгбон.
Мæздæджы районæй культурæйы, ахуырады æмæ спорты стыр æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уыдонæн администрацийы сæргълæууæг Рубайты Владимиры хъæппæрисæй арæзт æрцыд стыр бæрæгбон.
Ацы адæмæй алчидæр кад кæны йæ республикæйæн. Æмæ сын сæ нæмттæ хъуамæ зоной иууылдæр. Алыхуызон конкурсты, ерысты æмæ олимпиадæты уæлахиздзаутæ хорзæхгонд æрцыдысты хæрзиуджытæй. 2012-æм аз сын уыд «бæркадджын». Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ райстой сæ хъомылгæнинæгтæ, сæ тренертæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ дæр.
темæмæ гæсгæ




