05 декабря 2013, 11:16
Мæздæджы агропромышленнон техникумы фыццагкурсонтæ сырх лентытæ бабæтгæйæ рахæцыдысты СПИДы ныхмæ тохкæныны æппæтадæмон змæлды фарс
Афтæмæй, равдыстой СПИДæй рынчын адæмы зын сахат иунæгæй кæй нæ уадзынц, фæлæ сæ уæлхъус кæйс ты, уый. Фæсивæдон соцолизацийы Центры æмæ æхсæнадон организаци «Æнæниз
Афтæмæй, равдыстой СПИДæй рынчын адæмы зын сахат иунæгæй кæй нæ уадзынц, фæлæ сæ уæлхъус кæйс ты, уый. Фæсивæдон соцолизацийы Центры æмæ æхсæнадон организаци «Æнæниз Ирыстоны» специалисттæ æрбацыдысты ахуыргæнæндонмæ, æмæ фæсивæдæн радзырдтой æрвылаз милуангай адæмты цард чи асæтты, уыцы æгъатыр низы тыххæй. Цы цыбыркиноныв сын равдыстой, уымæн йæ сæйраг хъуыды уыди, СПИДæй фæрынчын уæвынæй хызт ничи у, уымæ гæсгæ, алчидæр хъуамæ йæхи хъахъхъæна. Кинонывмæ бакæсгæйæ, студенттæ æмæ специалисты хсæн рауад ахадгæ ныхас. Фæсивæдон организациты минæвæрттæ зæрдæ дарынц, ахæм фембæлдтыты фæрцы бирæты царды зианхæссæг хъуыддæгтæй кæй бахъахъхъæндзысты, ууыл.

темæмæ гæсгæ