филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:38 понедельник, 11 ноября 2024
24 сентября 2014, 11:11
Мæздæджы арæзт æрцыд акци «Мах æвзарæм æдасдзинад фæндæгтыл»

Акци расидт фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекци. Æмæ дзы архайдтой Мæздæджы техникумы ахуыргæнинæгтæ. Сныв кодтой ирд плакаттæ æмæ хъусынгæнинæгтæ. Байуæрстой сæ шофыртæн. Машинæты хицæуттæ куыд дзырдтой, афтæмæй ахæм куыст кæнын хъæуы фистæгæйцæуджытимæ дæр.

74433
«Мах æвзарæм æдасдзинад фæндæгтыл». Ахæм хъуыдыимæ уынгтæм рацыд Мæздæджы фæсивæд.
Акци расидт фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекци. Æмæ дзы архайдтой Мæздæджы техникумы ахуыргæнинæгтæ. Сныв кодтой ирд плакаттæ æмæ хъусынгæнинæгтæ. Байуæрстой сæ шофыртæн. Машинæты хицæуттæ куыд дзырдтой, афтæмæй ахæм куыст кæнын хъæуы фистæгæйцæуджытимæ дæр. Уымæн æмæ тынг арæх халынц фæндаджы сæрты хизыны фæтк, не ххæст кæнынц æдасдзинады домæнтæ. Фæндаггон æгъдæуттæ аразгæ сты не ппæтæй дæр. Æхсызгон у, фæсивæд æй кæй æмбарынц, уый. Паддзахадон автоинспекцийы пропагандæйы инспектор Людмила Инютинæ куыд зæгъы, афтæмæй студенттæ бирæ хорз хъуыдытæ загътой. Уыдоны фæрцы уавæр хуыздæрырдæм аивæн ис. Æрмæстдæр хъæуы иумæ кусын.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania