филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:23 воскресенье, 29 сентября 2024
10 сентября 2014, 11:23
Мæздæджы дзуттæгты регионалон автономийы хъæппæрисæй Стъараполы крайы Степнойы хъæугæрон арæзт æрцыд фашизмы амæттæгты номыл мемориал

Ам сентябры 1942-æм азы амардтой бирæ дзуттæгты. Хъуыстгонд куыд у, афтæмæй ардæм æрбалыгъдысты Белоруссийæ æмæ Уæрæсейы центрон хайæ. Æмæ сыл æрцыд сайд. Фашисттæ фехъусын кодтой регистрацийы тыххæй.

74196
Ам сентябры 1942-æм азы амардтой бирæ дзуттæгты. Хъуыстгонд куыд у, афтæмæй ардæм æрбалыгъдысты Белоруссийæ æмæ Уæрæсейы центрон хайæ. Æмæ сыл æрцыд сайд. Фашисттæ фехъусын кодтой регистрацийы тыххæй. Адæм цæуын райдыдтой административон бæстыхаймæ. Куыддæр-иу бинонтимæ бахæццæ сты, афтæ сæ тардтой автобустæм, æмæ сыл уым уагътой газ. Æфхæрд адæмы номыл цыртдзæвæныл ныффыстой се ппæты нæмттæ, стæй сыл цалгай азтæ цыди, уый. Æппæтæй кæстæрыл цыди æхсæз мæйы. Сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ ацæргæ адæм ам баззадысты æнустæм. Номарæн аргъуыды фæстæ сывæллæттæ бакастысты æмдзæвгæтæ фашизмы æмæ терроризмы амæттæгты тыххæй. Историктæ куыд зæгъынц, афтæмæй Стъараполы крайы ис, дзуттæгтæ кæм ныгæд æрцыдысты, ахæм æстай æфсымæрон ингæнæй фылдæр. Проекты нысан у, фашистты къухтæй чи фæмард, уыдоны нæмттæ сбæрæг кæнын. Ацы цыртдзæвæн нырма у дыккаг. Уымæ гæсгæ ма хъæуы стыр иртасæн куыст бакæнын.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania