07 июля 2014, 11:08
Мæздæджы Комсомольскийы уынджы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы æрцыд зынгсирвæзт
Ивгъуыд майрæмбоны сихоры 12 сахатыл радхæссæг хайадмæ æрбадзырдтой Комсомольскийы уынджы хæдзары цæрджытæ, æмæ загътой фатер кæй ссыгъди, уый тыххæй. Куыддæр æй
Ивгъуыд майрæмбоны сихоры 12 сахатыл радхæссæг хайадмæ æрбадзырдтой Комсомольскийы уынджы хæдзары цæрджытæ, æмæ загътой фатер кæй ссыгъди, уый тыххæй. Куыддæр æй федтой, æртыккаг уæладзыгæй фæздæг кæлы, афтæ атагъд кодтой баххуыс кæнынмæ. Уымæн æмæ уыцы фатеры цæрынц инвалид бинонтæ. Хорз æмæ сæ уыцы рæстæг хæдзары ничы уыди. Фæлæ сæ сæрмæ цы нæуæдз азддзыд сылгоймаг цæры, уымæн йæхи бон рацæуын нæ баци, æмæ йæ рахастой ирвæзынгæнджытæ. Мæздæджы районы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хайады куыд радзырдтой, афтæмæй зынгсирвæзты фæстæ бæстон æркастысты фыдбылызы бынатмæ, аныхас кодтой хæдзары цæрджытимæ. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ зынгсирвæзты аххосаг сывæллæттæ артимæ кæй хъазыдысты, уый. Спичкæтæй хъазгæйæ ссыгътой газет, æмæ уый расайдта фыдбылызмæ.
темæмæ гæсгæ




