филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 воскресенье, 19 мая 2024
23 апреля 2014, 11:39
Мæздæджы минæвæртты фæсивæдон æмбырды депутаттæн уыд се ‘ртыккаг æмбырд

Уым сын кадджын уавæры радтой æвдисæндартæ. Раарфæ сын кодтой Мæздæджы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Любовь Токарева, территориалон æвзарæн къамисы сæрдар

Мæздæджы минæвæртты фæсивæдон æмбырды депутаттæн уыд се ‘ртыккаг æмбырд
Уым сын кадджын уавæры радтой æвдисæндартæ. Раарфæ сын кодтой Мæздæджы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Любовь Токарева, территориалон æвзарæн къамисы сæрдар Владимир Гречаный, администрацийы кусджытæ æмæ Мæздæджы закъонæвæрынады æмбырды депутаттæ. Фæсивæдмæ сидгæйæ загътой, куыд ахсджиаг у алы адæймаджы граждайнаг хъæппæрис дæр. Уæлдай кад кæнын хъæуы не гъдæуттæн, æмæ сæ хъæуы æххæст кæнын. Кæстæртæ та фидарæй загътой, уыцы хæстæ сæ размæ рагæй æвæрд кæй сты, уый. Хæстæгдæр рæстæг фæсивæдон æмбырды депутаттæ сараздзысты къамистæ. Кæстæр фæсивæды тынгдæр цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уый фæдыл. Уымæй дарддæр хаст æрцыд уынаффæ, Мæздæджы районы фæсивæдон газет уадзыны тыххæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania