филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:08 воскресенье, 06 октября 2024
05 сентября 2014, 17:38
Мæздæджы паддзахадон автоинспектортæ та ногæй æрлæууын кодтой сывæллæтты зæрдыл фæндаггон змæлды тыххæй зонындзинæдтæ

Пайдайаг æмæ хъæлдзæг хъуыддаг. Мæздæджы паддзахадон автоинспектортæ та ногæй æрлæууын кодтой сывæллæтты зæрдыл фæндаггон змæлды тыххæй зонындзинæдтæ.

74123
Пайдайаг æмæ хъæлдзæг хъуыддаг. Мæздæджы паддзахадон автоинспектортæ та ногæй æрлæууын кодтой сывæллæтты зæрдыл фæндаггон змæлды тыххæй зонындзинæдтæ. Фæлæ хуымæтæг лекци нæ уыд. Бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты сарæзтой æцæг кинотеатр æмæ сабитæн равдыстой мультипликацион ныв «Робокар Поли æмæ йе мбæлттæ». Ныхас дзы цæуы диссæгты дунейы машинæтыл. Æххуысмæ æрбацæуынц, зын уавæры чи бахауд, уыдонмæ. Ацы анимацион сериал хорзыл банымадта фæндæгтыл æдасæй цæуыны Департамент. Профилактикон акци та арæзт æрцыд Мæздæджы районы администрацийы техникон æххуысæй. Паддзахадон автоинспекцийы куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзæлттæ сты тынг пайда. Ис сын стыр ахадындзинад. Профилактикон операци «Внимание, дети» ацæудзæн Мæздæджы æппæт микрорайонты дæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania