филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:35 воскресенье, 29 сентября 2024
17 января 2013, 11:17
Мæздæджы районы арæзт цæуы иумæйаг радхæссæг диспетчерон службæ

Мæздæджы районы арæзт цæуы иумæйаг радхæссæг диспетчерон службæ. Оператортæ дзуапп дæтдзысты Уæрæсейы иумæйаг номыр 112-æн. Районы алы организациты службæтæм суткæмæ æрбадзурынц 2 мин 500 хатты.

Мæздæджы районы арæзт цæуы иумæйаг радхæссæг диспетчерон службæ. Оператортæ дзуапп дæтдзысты Уæрæсейы иумæйаг номыр 112-æн. Районы алы организациты службæтæм суткæмæ æрбадзурынц 2 мин 500 хатты. Уыдонæй 1000-æй фылдæрæн æххуыс кæнын бахъæуы æвæстиатæй.

Ног службæйы диспетчерты хæс уыдзæн цардæн ахъаз объектты уавæрты тыххæй хъусын кæнын, селекторон æмбырдтæ æмæ видеоконференцитæ аразын. Кусдзæн дзы физикон æгъдауæй хъаруджын, æфсады æмæ барадон оргæнты фæлтæрддзинад кæмæ ис ахæм 10 адæймаджы. Разамынд сын дæтдзæн отставкæйы булкъон Николай Чаусов. Ноджы ма фидæны хъуамæ Мæздæджы районы кусын райдайа авариты рæстæг ирвæзынгæнæг службæ. Уый дæр ныфс дæтты бахъуаджы сахат адæмы æдасдзинад хъахъхъæд кæй цæудзæн, уымæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania