филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:38 понедельник, 13 мая 2024
24 октября 2012, 09:50
Мæздæджы районы Черноярскийы станицæйы цæрджытæ се скъолайы 100 азы юбилеймæ ныссагътой уардитæ

Мæздæджы районы Черноярскийы станицæйы цæрджытæ се скъолайы 100 азы юбилеймæ скодтой æнахуыр æмæ цымыдисаг лæвар. Æрзайын кодтой уардиты 100 хуызы.

Мæздæджы районы Черноярскийы станицæйы цæрджытæ се скъолайы 100 азы юбилеймæ скодтой æнахуыр æмæ цымыдисаг лæвар. Æрзайын кодтой уардиты 100 хуызы.

Ахæм хъуыды æмæ бæллиц скъолайы
ахуыргæнджытæм рагæй уыд. Ныр сын хъæуы цæрджыты æххуысæй сæххæст.
Фыццаг уал фæнд кодтой бæлæстæ ныссадзын, фæлæ нæ ныххæцыдысты. Уардитæ
та рæсугъддæр сты, стæй сын æрдзон уавæртæ дæр тынгдæр фæбæззыдысты.
Дидинджытыл цин кæнынц хистæртæ дæр, сывæллæттæ дæр. Кæстæр кълæсты
ахуырдзаутæ та, уæгъд минут сын куы фæвæййы, уæд уайтагъддæр атындзынц
розаримæ. Зилынц дидинджытæм, сыгъдæг дарынц сæ фæзуат. Æмæ сын æхсызгон
у, уардитæ алкæйы зæрдæмæ дæр кæй цæуынц, уый.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania