филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:50 вторник, 16 декабря 2025
24 апреля 2018, 12:31
Мæздæджы районы фонд «Быть добру»-йы хайад дарддæр кæны хæлардзинады хъуыддæгты марафон

Мæздыджæ æрдузы ныссагътой 50 бæласы.

Мæздæджы районы фонд «Быть добру»-йы хайад дарддæр кæны хæлардзинады хъуыддæгты марафон

Алы бинонтæн дæр бæлас. Мæздæджы районы
фонд «Быть добру»-йы хайад дарддæр кæны хæлардзинады хъуыддæгты марафон. Зæххы
боны ныссагътой бæлæстæ. Фонды минæвæрттæ районы бархионтимæ севæрæн бахастой
сæ райгуырæн горæты аивдзинадмæ. Мæздыджæ æрдузы ныссагътой 50 бæласы. Талатæ
æлхæд æрцыдысты «Уæлахизы парк» -æн. Ныридæгæн дзы сагъд æрцыд бирæ алыхуызы
бæлæстæ. Сарæзтой дзы сæрмагонд аллеятæ. Акцийы мæзæдæггæтæ æрбацыдысты
сывæвæллæттимæ. Ныр алы бинонтæн дæр ис йæхи бæлас. Цы æрдуз ныссагътой, уый
уыдзæн фæлладуадзæн бынаты хай.

 

 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania