филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:52 среда, 17 декабря 2025
02 февраля 2018, 13:32
Мæздæджы районы фыццаг хатт арæзт æрцыд турнир бильярдæй

Бирæ рæстæг дзы нæ уыд уавæртæ, ацы спорты райрæзтыл кусынæн. 2017 –æм азы кæрон байгом сæрмагонд клуб.

Мæздæджы районы фыццаг хатт арæзт æрцыд турнир бильярдæй
Мæздæджы районы фыццаг хатт арæзт æрцыд турнир бильярдæй. Бирæ рæстæг дзы нæ уыд уавæртæ, ацы спорты райрæзтыл кусынæн. 2017 –æм азы кæрон байгом сæрмагонд клуб.
Стыр зал, æхсæз стъолы, ис дзы æппæт гæнæнтæ бильярды алы хуызтæй архайынæн. Спорты хуызы райрæзтыл кусын райдыдтой ерыстæй. Турниры архайдтой сыхаг республикæтæй, куыд хæдахуыр спортсментæ, афтæ профессионалтæ дæр. Йæ архайджытæ сæ кармæ гæсгæ уыдысты, фынддæс азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæмтæ. Хъæзтытæ цыдысты олимпаг системæмæ гæсгæ – чи фæхæрд, уый ахауд. Фылдæр спортсментæ уыдысты Цæцæны республикæйæ, уым бирæ рæстæг кусы скъола. Фидæны фæнд кæнынц бильярдæй хъазыныл ахуыр кæнын нæ республикæйы дæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania