11 ноября 2013, 10:56
Мæздæджы районы Хъызлары цæрæджы æрцахстой цыппар адæймаджы амарыны тыххæй
30-аздзыд нæлгоймаг абон æхсæвы 2 сахатыл бадзырдта пъæлицæйы хайадмæ æмæ басаст йæ фыдракæндыл. Слестгæнæн-оперативон къорд æвæстиатæй ацыд фыдракæнды бынатмæ.
30-аздзыд нæлгоймаг абон æхсæвы 2 сахатыл бадзырдта пъæлицæйы хайадмæ æмæ басаст йæ фыдракæндыл. Слестгæнæн-оперативон къорд æвæстиатæй ацыд фыдракæнды бынатмæ. Аххосджын куыд радзырдта, афтæмæй уый бацыд йæ сыхæгтæм. Хæдзары хицауимæ фæбыцæу æмæ йæ кардæй ныццавта. Амардта йын йæ мады, йæ бинойнаджы æмæ сæ 8-аздзыд чызджы дæр. Бинонтæй ма удæгасæй баззад æрмæстдæр 7 мæйыдзыд сывæллон. Фыдаркæндыл цæуы слест.

темæмæ гæсгæ