12 февраля 2013, 17:09
Мæздæджы районы йæ хæстæ æххæст кæнгæйæ фæмард полицæйы кусæг
Гом æрцыд уголовон хъуыддаг. Фыдракæнд æрцыд Мæздæджы уынгтæй иуы.
Гом æрцыд уголовон хъуыддаг. Фыдракæнд æрцыд Мæздæджы уынгтæй иуы. Полицæйæгтæ æхсæвы 2 сахатыл баурæдтой «Жигули» æмæ йын бæрæг кодтой йæ гæххæттытæ. Машинæйы уыди 4 æрыгон адæймаджы, куыд рабæрæг, афтæмæй раздæр бадтысты ахæстоны. Барадхъахъхъæнæг оргæнты кусджыты домæнтæ не ххæст кодтой, семæ фæбыцæу сты. Æгъдаухалджытæ телефонæй адзырдтой се мбæлттæм æмæ ма сæм бафтыд 15 адæймаджы. Полицæйæгтæй иу, хыл бауромыны тыххæй райдыдта хæцæнгарзæй хæрдмæ æхсын. Уæд фыдгæнджытæ бацархайдтой хæцæнгарз байсыныл. Афтæмæй фæцæф 33 аздзыд полицæйаг Роман Исаев, аластой йæ рынчындонмæ фæлæ уым йæ цæфтæй амард. Фыдгæнджытæ алыгъдысты фыдбылызы бынатæй.
Ныртæккæ республикæйы слестгæнæн комитет архайы хъуыддаг бæлвырддæр равзарыныл, æмæ йæм бар чи дары, уыдоны æрцахсыныл.
темæмæ гæсгæ




