филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:38 воскресенье, 19 мая 2024
01 ноября 2013, 11:22
Мæздæджы районы культурæйы галуаны байгом Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Гæбæраты Барисы равдыст

Нывгæнæг йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ вернисаж адæмты иудзинады æмæ æмбарынады боны агъоммæ Мæздæджы хуымæтæджы нæ равæрдта. Ам цæры 70 адæмыхаттæй фылдæр, сæйрагдæр та уый, æмæ цæрынц хæларæй, сты уазæгуарзон.

Мæздæджы районы культурæйы галуаны байгом Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Гæбæраты Барисы равдыст
Мæздæджы районы культурæйы галуаны байгом Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Гæбæраты Барисы равдыст.

Нывгæнæг йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ вернисаж адæмты иудзинады æмæ æмбарынады боны агъоммæ Мæздæджы хуымæтæджы нæ равæрдта. Ам цæры 70 адæмыхаттæй фылдæр, сæйрагдæр та уый, æмæ цæрынц хæларæй, сты уазæгуарзон. Гæбæраты Барис у нывкæнынады æмæ графикæйы дæсны. Сфæлдыстады фыццаг къахдзæфтæ акодта Цхинвалы, Тугъанты Махарбеджы номыл аивæдты училищæйы. Ныв кæнынæй уæлдай ма, иллюстрацитæ кæны чингуыты дæр. Йæ куыстытæ сты Мæскуыйы æмæ Дзæуджыхъæуы музейты. Барисы нывты зынгæ бынат ахсы абон Ирыстон цы уавæры ис, уый. Хæстон цауты рæстæг дæр нывгæнæг йæ куыстыты æвдыста адæмы трагеди.

Гæбæраты Барисæн раарфæ кодта Мæздæджы районы разамынд, æмæ йын скодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania