филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:28 суббота, 04 мая 2024
17 апреля 2013, 17:40
Мæздæджы районы культурæйы галуаны уыд экологон форум

Рагагъоммæ хатдзæгтæ скодтой сыгъдæгдзинады мæйонæн.

Архайдтой дзы парламенты минæвæрттæ, районы муниципалон сконды депутаттæ, хъæуты администрациты разамонджытæ, фæлхасадмæ цæстдарды специалисттæ, пъæлицæйы æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады службæгæнджытæ.

Мæздæджы районы культурæйы галуаны уыд экологон форум
Мæздæджы районы культурæйы галуаны уыд экологон форум. Рагагъоммæ хатдзæгтæ скодтой сыгъдæгдзинады мæйонæн.

Архайдтой дзы парламенты минæвæрттæ, районы муниципалон сконды депутаттæ, хъæуты администрациты разамонджытæ, фæлхасадмæ цæстдарды специалисттæ, пъæлицæйы æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады службæгæнджытæ. Цы фарстатыл ныхас кодтой, уыдонæн сæ ахсджиагдæр уыди, бырон кæм æмбырд кæнынц, уыцы фæзуæтты уавæр. Форумы архайджыты иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы административон æфхæрд фæкарздæр кæнын. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй закъонмæ гæсгæ се `ппæт службæтæн бар нæй æгъдаухалджыты ивар кæнынæн. 2013-æм азы 1-æм мартъийæ фæстæмæ административон протоколтæ аразыны бар ис пъæлицæйæгтæн дæр. Санитарон æмæ экологон уавæрæн та дзуапп дæтдзысты хъæуты разамонджытæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania